Суббота, 12.10.2024, 12:13
Приветствую Вас Гость | RSS

    Официальный сайт филиала МКОУ СОШ №5 г. Алагира в с. Бирагзанг

Меню сайта
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 47
МОН РФ
Министерство образования и науки Российской Федерации
Форма входа

Главная » 2015 » Октябрь » 15 » « Йæ цард гъеныр дæр у сæдæ! » Хетæгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмæ
23:59
« Йæ цард гъеныр дæр у сæдæ! » Хетæгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмæ

   

 Сценарий мероприятия посвященного 156 –летию  со дня рождения                         Коста Хетагурова.                                                                        15.10.2015г.

                                      «  Йæ цард гъеныр дæр у сæдæ!  »

                                         Хетæгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмæ

 

     Сценæйы фæлыст.

Залы хъуысы ирон музыкæ. Астæуæй Къостайы портрет ,йа разы дидинджытæ, сойын цырæгътæ.

Чингуыты равдыст»Нæ дзыллæйы зæрдæ» ,газеттæ,журналтæ, къултыл сывæллæтты нывтæ

  Презентаци     «Ма аргъуан – зæхх,

                           Мæ дзуар у уарзондзинад ,

                           У дун-дуне Фыдыбæстæ мæнæн!»

Архайджытæ сойын цырæгътимæ рацыдысты сценæмæ. Са цырæгътæ портреты раз æрæвæрдтой.

Хъуысы Б.Снетковы музыкæ  «Ныстуан».

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...

1 архайæг:   æмдз. «Ныстуан».

2 архайæг:   Алы аз дæр Кæфты мæйы фынддæсæм бон уæлдай циндзинад æрхæссы ирон адæмæн. Уымæн æмæ уыцы бон райгуырди Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

3 архайæг:   Абон, 15 октябры , 154 азы сæххæст Ирыстоны уарзон хъæбул  Къостайы райгуырдыл.

4 архайæг:   Æхсарджын зæрдæйæ æвзæрынц  æхсарджын рæнхъытæ: Весь мир –мой храм! Любовь- моя святыня! Вселенная –Отечество мое!

5 архайæг:   Къоста фыста: «Æз дæн нывгæнæг æмæ адæмон поэт».Уæвгæ та уыд стыр адæмон поэт, прозаик, драматург, критик æмæ публицист, историк æмæ тæлмацгæнæг, нывгæнæг, этнограф æмæ зарæггæнæг . Йæ размæ æвæрдта егъау хæстæ.

«Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

 Арвмæ куы хъуысид мæфæндыры хъазт,-

 Дунеты се*ппæт махимæ æрхонин,

 Радзурин уыдонæн  зæрдæйы маст.»

6 архайæг:   «Ирон аив литературæйæн Къоста ссис фидар бындурæвæрæг ,йæ цæугæ хох,йæ лæугæ мæсыг,йæ зæрдæйы уидаг,йæ сæууон стъалы , æмæ йын «Ирон фæндыр» баззади цырагъдарæй  »,-фыста номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.

Æмдз. «Ныфс» кæсы Хъамæрзаты Аланæ.

 

НЫФС

 

 

Тызмæгæй мæм ма кæс,

Мæ фыды зæронд,

Дæ зæрдæмæ ма хæсс

Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг

Кæм вæййы фырт дæр? –

Лæппуйæ рæдиаг

Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл

Нæ барын мæхи, –

Ныууадз мæ мæ адыл, –

Фæндон хорз кæм и?!.

Æз топпæй нæ хъазын,

Æз барæг нæ дæн;

Æхсаргард æсласын

Мæ бон нæу мæнæн...

Фæхудæнт мыл хъалтæ,

Ды се 'мбал нæ дæ!

Мæ гутон, мæ галтæ –

Мæнæн дæр цæттæ!

 

Мæ гутон, мæ галтæ –

Мæ фæндыр, мæ зонд;

Мæ кадæг, мæ зарæг –

Мæ цард хоры конд.

Нæ дзыллæйы зæрдæ –

Мæ хуымгæнды хай;

Нæ бæсты сагъæстæ –

Мæ фæззыгон най...

Дзаг хорæй мæ хордон,

Бæркадджын мæ зæхх,

Хæдтулгæ мæ уæрдон,

Мæ фæндаг уæрæх...

Мæгуырæй мын ма тæрс,

Мæ фыды зæронд, –

Дæ зæрдæмæ ма хæсс

Мæ зæрдæйы конд!..

 

 

1 архайæг:   Алыварсыг у Къостайы поэтикон сфæлдыстад: æмдзæвгæтæ, поэмæтæ ,радзырдтæ, æмбисæндтæ, таурæгътæ, пьесæтæ, зарджытæ. Фæлæ йе сфæлдыстады уæлдай зæрдæмæ хъаргæ у, йæхæдæг цы жанр сарæзта «зæрдæйы сагъæстæ », зæгъгæ, уый. Уыцы жанры бындурыл фыст у й сæйраг чиныг «Ирон фæндыр».

Зары Хъарджынты Сæрмæт  « Мæ Иры фæсивæд ».

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй

     Фæластон мæ сау зæрдæ дард...

Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй

     Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ

     Æхсныфæй нуазынц мæ туг...

Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,

     Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,

     Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,

Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,

     Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй

     Фæластон мæ сау зæрдæ дард ...

Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй

     Æнæхай фæкодтон мæ мард!..

 

2 архайæг: Къоста фыста: «Æз мæ дзырдтæй сæудæджер никуы кодтон, мæ фыстытæй иу рæнхъæн дæр æхца никуы никæмæй райстон æмæ фысгæ дæр , фыссон æмæ мыхуыр кæнон ,зæгъгæ, ахæм зондæй нæ кæнын, бирæтæ куыд кæнынц,афтæ. Нæ! Ахæм фыстæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ пайда дæр…   Æз фыссын ,мæ рыст зæрдæйы уромын цы нал фæфæразын, уый».

Æмдзæвг «Катай»

Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!

Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..

Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,

Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?

Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,

Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын...

Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,

Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,

Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..

Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,

Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?

Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,

Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..

Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,

Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..

 

2 архайæг : Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ систы ирон поэзийы тæмæнкалгæ хæзнатæ. Ирдæй æвдисынц поэты хæлар æмæ уарзæгой, зæрдæйы уаг æнусты дæргъы æнæнымæц зынтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæммæ. Гъе, уымæн афтæ азæлы уæззау хъарæгау йæ мæстæлгъæд хъæлæс:

 ДОДОЙ        кæсы Гæбуты Алисæ

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!

Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, –

Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,

Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,

Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,

Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,

Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц...

Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,

Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, –

Фезмæл–ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,

Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..

Оххай–гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, –

Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм...

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, –

Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!

 

3 архайæг : «Ирон фæндыр»  мыхуыры рацыд 1899 азы граф З.Шуваловы типографийы , А.С.Пушкины 100 азы юбилей кадджын уавæры куы бæрæг кодтой, уæд.

Минуты сочтены, повсюду бьют тревогу…

Уж брезжит луч зари ,играя на штыках,

И обновленный мир отдастся вечно миру,

С презреньем бросит нож, запекшийся в крови...

4 архайæг : Адæм хорз зыдтой Къостайы æмдзæвгæтæ, кæсынæй сæ не фсæстысты, къухфыстытæй сæ лæвæрдтой кæрæдзимæ. Арæзтой сæ зарджытæ.  Зарæг «А-ло-лай!».

А–ЛОЛ–ЛАЙ!

 

 

Къух дæ ауызын фæразы...

Мæй дæ авдæнимæ хъазы.

     Стыр лæг мын ысуай!..

          А–лол–лай!..

 

Ракæндзынæн дын мæ зарæг...

Искуы кæд ысуис мæ дарæг,

     Урс уæрыкк дын уон!..

          О, мæ бон!..

 

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн...

Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн

     Сау хæххон куыстæй...

          Ахуысс,цæй!..

 

Искуы мын куы схъомыл уаис,

Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,

     Бирæ мын цæрай!..

          А–лол–лай!..

 

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,

Къахис митбынæй мæхъитæ,

     Стонг æмæ сыдæй...

          Ахуысс, цæй!..

    

Сугтæ мын хæссис æргъомæй...

Бадзурин дæм уæд æргомæй:

     Мады зæрдæ зон,

          О, мæ бон!..

 

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,

Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,

     Ма цæ бафæллай!..

          А–лол–лай!..

 

 

  Инсценировка «Хъазтæ». 6 къл.

5 архайæг : Зын, фæлæ арфæйаг у Къостайы цардвæндæг. Йæ ахуыры азтæ Стъараполы гимназы,Бетъырбухы аивæдты академийы.Ам базонгæ уырыссаг фысджыты сфæлдыстадимæ.Царди Герцен, Толстой, Некрасовы, Чернышевский , Чайковский , Репинимæ  иу рæстæг.  Хæларæй царди Верещагин, Смирновимæ. «Памяти П.И.Чайковского »

Памяти П. И. Чайковского. кæсы Агънаты Элонæ

Разбита стройная, чарующая лира,

Повержен жертвенник, разрушен пышный храм,—

Навеки улетел «соловушка» от мира

В страну далекую, к далеким небесам...

И стало тяжело на сердце, безотрадно,

И мрак, холодный мрак сгустился над душой,—

Удар безвременный, и как он беспощадно,

Как неожиданно направлен был судьбой!

Оценим ли теперь великую потерю,

Горячая слеза Найдется ль у кого?

Тогда лишь в будущность народа я поверю,

Когда он гения оплачет своего;

Когда печаль свою он глубоко сознает

И вещие слова поэта он поймет:

«Пусть арфа сломана,— аккорд еще рыдает...

Не говорите мне: он умер,— он живет!»

1893 г.

6 архайæг : Къоста фыста йæ уацмыстæ  иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.Уырыссаг æвзаг Къостайæн ссис дыккаг мадæлон æвзаг. Стыр уарзондзинады уæлтæмæн æвдисæн сты ,уырыссаг æвзагыл цы лирикон æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон. «Грезы любви»-йы музыкæмæ æмдзæвгæтæ дзурынц:

А. Я. П. кæсы Гуыдиаты Азæмæт

Скрывать, молчать, страдать безмолвно

Нет сил, терпенья больше нет,—

Как знать,— обижу ли вас кровно,

Найду ль сочувствье и ответ?

 

Но все, что так терзает душу,

На части разрывает грудь,—

Давно уж просится наружу,

Давно уж пробивает путь.

 

В признанье я не вижу цели,

Молчаньем я себя травлю...

Чего хочу на самом деле? —

Зачем вам знать, что вас люблю?

 

1888 г.

г. Владикавказ

Я не поэт... Обольщенный мечтою,

Я не играю беспечно стихом...

Смейся, пожалуй, над тем, что порою

Сердце мне шепчет в безмолвье ночном...

Смейся!., но только я каждое слово

Прежде, чем им поделиться с тобой,

Вымолил с болью у счастья былого

И оросил непритворной слезой...

Вот почему мои песни звучали

Многим, как звон поминального дня...

Кто не изведал борьбы и печали,

Тот за других не страдает, любя!

 

1894 г. (?)

Зарæг     «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай…»

     Мæ хуры хай,

     Рæсугъд чызгай,

Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!..

     Дæ хъазынмæ,

     Дæ зарынмæ

Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!..

     Дæ дзыхы дзырд

     Æнæ рæдыд

Ныццæвы зæрдæйы кæрон!..

     Цы кæндзынæн,

     Куыд цæрдзынæн

Æнæ дæу, амæддаг дын уон!

 

1 архайæг : Кавказаг адæмтæ бирæ таурæгътæ ,бирæ æнкъард зарджытæ сарæзтой сæ уæззау цардыл.Зæрдæ ныккарзы уыдонмæ хъусгæйæ.Фæлæ дзы Къостайы хуызæн йæ зарджытæй хæхтæй бæрзонддæр ничи схызт.Æмæ уыцы бæрзондæй ничи федта адæмы хъыгтæ æмæ цæссыгтæ.

Æмдз. «Мæгуыры зарæг».  Гæбуты Азæмæт кæсы .

МÆГУЫРЫ ЗАРÆГ

 

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ

Хъармæй, райдзастæй лæууынц,

Махæн та нæ сывæллæттæ

Уазал лæгæты кæуынц...

 

Адæмæн сæ чындзхонты хъазт

Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,

Махæн та нæ гæдыйы уаст

Мардыл кæуæгау хъуысы...

 

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ

Царæй фæныкмæ тæдзынц,

Махмæ та хæлынбыттыртæ

Цары ахсдæттæ кæнынц...

 

Адæмæн сæ фæззæджы куыст

Не 'ссы афæдзмæ куырой,

Махæн та нæ афæдзы мызд –

'Гасæй иу хоры кæфой!..

 

 

2 архайæг : Къоста йæ райгуырæн зæххимæ æмæ адæмимæ  зæрдæйы тæгтæй баст кæй у,уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ, уымæн вæййы куы мады къухау фæлмæнæмæ рæвдауаг, куы тар æхсæвауæрхуым æмæ æнкъард, куы тохмæ сидæг ,фæдисау зæлланггæнæг… («Ракæс..», «Не верь…») кæсы Хуырымты Давид.

 

Не верь, что я забыл родные наши горы,

Густой, безоблачный, глубокий небосвод,

Твои задумчиво-мечтательные взоры

И бедный наш аул, и бедный наш народ.

Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,

Чем дальше я от вас, чем бессердечней враг,

Тем слаще и милей мне грезится свиданье

Со всем, мне дорогим в родных моих горах.

Не бойся за меня!— Я не способен к мщенью,

Но злу противиться везде присуще мне,—

Не бойся!— я и здесь не дамся оболщенью

Красавиц, чуждых мне по крови и стране...

Люблю я целый мир, люблю людей, бесспорно,

Люблю беспомощных, обиженных, сирот,

Но больше всех люблю, чего скрывать позорно? —

Тебя, родной аул и бедный наш народ.

За вас отдам я жизнь... все помыслы и силы,—

Всего себя лишь вам я посвятить готов...

Вы так мне дороги, так бесконечно милы,

Что сил нет выразить, что высказать нет слов!..

 

 Архайæг : 1889 азы Пятигорскы М.Ю.Лермонтовы цырт гом кæнгæйæ ирон интеллигенцийы номæй Къоста бакаст йæхи æмдзæвгæ «Перед памятником ». «Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта!!!»,- дзырдтой уырыссæгтæ.

Перед памятником  .    кæсы Гæбуты Ритæ

 

Торжествуй, дорогая отчизна моя,

    И забудь вековые невзгоды,—

Воспарит сокровенная дума твоя,—

    Вот предвестник желанной свободы!

Она будет, поверь,— вот священный залог,

    Вот горящее вечно светило,

Верный спутник и друг по крутизнам дорог,

    Благодарная, мощная сила!..

К мавзолею искусств, в храм науки святой

    С ним пойдешь ты доверчиво, смело,

С ним научишься ты быть готовой на бой

    За великое, честное дело.

Не умрет, не поблекнет в тебе уж тогда

    Его образ задумчивый, гордый,

И в ущельях твоих будут живы всегда

    Его лиры могучей аккорды...

Возлюби же его, как изгнанник-поэт

    Возлюбил твои мрачные скалы,

И почти, как святыню, предсмертный привет

    Юной жертвы интриг и опалы!..

16 августа 1889 г.

Пятигорск

3 архайæг : Къоста йæ уарзон адæмы рухс фидæны сæрыл тохы никуы фæллад.Иунæгæй хæцыд паддзахы ныхмæ,дзырдта рæстдзинад.Уымæй адæмæн лæвæрлта ныфс, знæгтæн саста сæ тых.

Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп».( 5 къл.)

4 архайæг : Къостайы уацмысты хъусæм æххормаг сидзæрты кæуын, уынæм дзы цагъар сылгоймаджы фыдцард. Поэмæ «Сидзæргæс» у йæ поэзийы бæрзонддæр стъалытæй иу.

Инсценировка:  «Сидзæргæс ».

5 архайæг : 55 азы рацыд Гуырдзыстоны киностудийы режисер Сикъо Далидзе поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ киноныв куы сарæзта,уæдæй нырмæ. Поэмæйы ирд сурæттæ сæ абухгæ уарзондзинады æнкъарæнтæ арф бахъардтой адæмы зæрдæтæм . Абон дæр бирæ фæлтæртæн сты фæзминаг.хъомыл кæнынц уыцы ардхæрæны хъайтартыл.

Поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг.

6 архайæг: Йæ мæгуыр рыстон æмæ  йе*фхард адæмы хъысмæтылхъуыды  кæнгæйæ, йæ зæрдæйы цы сагъæстæ фæзыны,уыдон ын фергом вæййынц йæ интимон фыстæджыты.

  Цæлыккаты Аннæмæ фыста,зæгъгæ,йæ сæйраг нысаныл адæмы цард фæхуыздæр кæнын чи нымайа,æрмæст ахам адæймагимæ ссардзæн йæ амонд.  Йæхи цардæн аккаг аргъ скæнын йæ зонды дæр никуы уыд.

Æмдз. «Хæрзбон».Кæсы Боциты Аланæ.

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,

Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,

Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй...

Дард у мæ фæндаг... Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын “ацу” дæ цæстæнгас дзуры,

Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;

Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,

Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын...

Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,

Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!

Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,

Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном...

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл

Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, –

Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл –

Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, –

Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ

Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, –

Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,

Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр...

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, –

Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон

Уый “фæндарастæй” кæд ссарин æз йемæ..

Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

 

1 архайæг : Къостайы литературон сфæлдыстады  æмрæнхъ лæууынц йæ конд нывтæ дæр:  «Дондзау», «Хъыггæнæг зæд», «Ирон хæдзары», «Дурсæтджытæ», «Автопортрет», æмæ æндæртæ. Цыма йын фыссын цы нæ бантыст, уый нывты хуызы ныууагъта…    Иттæг хорз сарæхсти сюжет равзарынмæ, ирдæй равдыста хохаг сылгоймаджы уæззау цард, сабиты хъизæмайраг уавæр.

Æмдз.  « Зонын» кæсы Челдыты Чермен

2 архайæг :    Къостайы   поэтикон уацмыстæ разæнгард кæнынц профессионалон композиторты сæ музыкалон  сфæлдыстады . Кокойты Тæтæрхъаны опера «Фатимæ», Плиты Христофоры опереттæ «Къоста» æмæ «Усгуры сагъæстæ», Хаханты Дудары балет «Хетæг», Æчеты Аркадийы оратори æмæ æндæртæ.  Музыкæ «Æрра фыййау», кæсы –Гæбуты Аслан-

3 архайæг « Алы адæмтæ дæр æхсызгонæн æмæ сæрыстырæй фæзæгъæнц,дзыллæты цæсты сæ кадджын чи сколта, сæ национ гени,уалдзыгон дидинæгау, кæй фæрцы райхæлд,сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ.Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном. Шотландиаг – Бернсы. Немыцаг – Гетейы. Итайлаг – Дантейы. Уырыссаг – Пушкины. Мах та, ирæттæ, фæзæгъæм – Къоста. Æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй »,- фыссы Абайты Васо.

Махъоты А. «Элегия».  

     Къоста – Ирыстоны зынаргъ лæг,

    Нæ куыст, нæ хъуыддæгты цæрæг…

   Зæгъынц, куы , дам, фыста йæ зарæг,

  Уæд кодта зарæгмæ хæлæг….

         Хъисын фæндыры цагъд

4 архайæг : Къоста æнусы* рдæг дæр нæ рацард. Авд æмæ дыууиссæдз азы æдæппæт… Нал ын бантыст бирæ хъуыддæгтæ :   йæ хæдзар æрдæг арæзтæй баззад, йæ уарзон чызг – куырдуаты, йе скъола – æхгæдæй. Фæлæ йе*ппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Иры дзыллæтæн , рухс кæны фæлтæрты фæндæгтæ амонд  æмæ  рæстдзинадмæ,  кад æмæ намысмæ.

 

 

 

 

     

 

 

 

Просмотров: 2855 | Добавил: bolotaeva | Рейтинг: 3.0/1
Всего комментариев: 0
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]
Год учителя

Copyright MyCorp © 2024 Bolotaeva Bella
Хостинг от uCoz