Хетæгкаты Къоста сывæллæттæн
Хетæгкаты Къостайæн нæ бантыст банкъарын æнæмæт сабидуг, æвæццæгæн уымæн цыдæр уæздан уарзт æмæ зæрдæмæхъаргæ æрхæндæг зæлтæ хъуысы , сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыстæ, уыдонæй.
Хъыгагæн, Къостайы арæзт чиныг æбæрæг аххоссæгты тыххæй йæ цæргæйæ нæ рацыд мыхуыры. Æрхæццæ нæм æрмæстдæр чиныджы къухфыст. Æмдзæвгæтæ хицæн хайæ бацыдысты йæ зындгонд « Ирон фæндыр»- мæ ( 1859).
« Мæ лæвар Иры сывæллæттæн » мыхуыры фæзынд 1939 азы . Хаст æм æрцыдысты æмдзæвгæтæ æмæ баснятæ : « Уалдзæг», « Сæрд» , « Фæззæг» . « Зымæг» , « Гино», «Зæрватыкк », «Дзывылдар» , « Æрра фыййау », «Уасæг», « Фыдуаг», « Скъолайы лæппу», « Кæмæн цы …», « Цъиу æмæ сывæллæттæ», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Уайдзæф», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Халон æмæ рувас». « А-ло-лай» .
Л.П.Семенов Къостайы сывæллæттæн фыст æмдзæвгæты тыххæй афтæ фыста : « ….Они отличаются четкостью и грациозностью образов , в этих поэтических жемчужинах сквозит безграничная любовь Коста к детям, его приветливая усмешка. Глубокая наблюдательность. Такие стихи должны нравиться детям и легко ими запоминаться».
Æцæгæй дæр афтæ кæй у , уымæн æвдисæн , ирон саби хæрз чысылæй кæй базоны æмæ бауарзы Къостайы æмдзæвгæтæ . Зæгъæм : æмдзæвгæ «Гино». Сывæллон йæ къахыл цæуынхъом куы фæвæййы, , уæд хæдзары гæдыйæ диссагдæр ницы фены, фæхъазы дзы, йæ царм ын фæивазы. Фæлæ мА уæддæр гæды уымæй хъаруджындæр вæййы. Сабийæ йæхи атоны æмæ къонайыл йæхицæн «хъарм фæлмæн кæрц » -ы мидæг фæфынæй кæны. Сывæллон та йын зæрдиагæй фæхъусы йæ «аргъæуттæм».
Æмдзæвгæ «Фыдуаг» -ы лæппу кæрдзыныл кæуы æмæ йæ нæ фæнды , исчи йæм хъуса, кæнæ кæса. Уымæн æмæ йæм кæрдзыныл кæуын худинаг кæсы. Æцæг лæг суæвын кæй кæй фæнды, уый хъуамæ хъаруджын, хъæбатыр , ныфсджын уа, стонг æмæ уазалæн дæр быхса.
Афтæ æппæт æмдзæвгæты дæр хæрз цыбыр, æнæ уæлдай ныхас, рæсугъд арæзт æмæ зæрдæмæхъаргæ рæнхъыты поэт дзуры йæ зæгъинæгтæ. Уымæн афтæ фыста В. Корзун дæр : « Все свое поэтическое мастерство вкладывает Коста в эти маленькие стихотворения. Поражает многообразие тематики. Умение в нескольких строчках просто ,сжато , в доступной , для детского понимания форме высказать многое и значительное».
Æрмæстдæр сывæллæтты тынг чи уарзы, сæ миддуне сын хорз чи зоны, сæ фидæныл сын тынг чи тыхсы, ахæм адæймаджы зæрдæйæ рацæудзысты уæлдæр загъд рæнхъытæ. Ахæм уыд сывæллæтты уарзон фыссæг Хетæгкаты Къоста. |